Нæ хъус æрдардтам Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Лаша Дарсалияйы фидиуæнмæ Атомон энергийы фæдыл æхсæнадæмон агентады (АЭÆАГ) 69-æм Генералон конференцийы рæстæджы загъд фидиуæнмæ, кæцыйы банысан кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы оккупацигонд территориты уавæр тæссагдзинад кæй æвзарын кæны ядерон æдасдзинадæн, уымæн æмæ дзы нæй æхсæнадæмон хъусдард.
Фыццаджыдæр, радон хатт нысан кæнæм Хуссар Ирыстоны 'рдæм «оккупаци» æмæ «оккупацигонд территоритæ»-йы æмбарынадтæй пайда кæныны æнæрастдзинад. Афтæмæй ма нысан кæнæм, уæвæг æхсæнадæмон бадзырдадты бындурыл арæзт Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы территоритыл уæрæсейаг гæрзифтонг тыхты уæвынад кæй у канд се ‘дасдзинады гарант нæ, фæлæ ма Гуырдзыстоны минæвар афтæ тынг цы регионыл тыхсы, уый дæр.
Агрессорыл нымад бæстæйы минæвары сыдывд æмæ æцæгдзинадæй дард хъуыдытæн дзуапп дæттын бынтон растыл нæ нымайæм, уымæн æмæ уыцы минæвæрттæн æхсæнадæмон трибунæйæ сæ раныхæстæ вæййынц Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ныхмæ здæхт.
Фæлæ уымæ нæкæсгæйæ, ныры уавæр æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад хынцгæйæ, цæттæ стæм конструктивон диалогмæ.
2025 азы рухæны мæйы 18-æм бон