Рухæны мæйы 20-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Президенты Уынаффæгæнæг Павел Прокудины, кæцы æрцыд Цхинвалмæ Республикæ Хуссар Ирыстон расидынæй 35 азы рацыды цытæн бæрæгбонмæ.
Фембæлды ма хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Официалон минæварады Сæрдар Плиты Алан.
Джиоты Æхсар бузныджы ныхæстæ загъта Павел Прокудинæн йе ‘рцыды фæдыл æмæ бахахх кодта дыууæ бæстæйы ‘хсæн бирæазон хæларад æмæ партнерады æнгом ахастытæ.
Павел Прокудин дæр бузныджы ныхæстæ загъта хъарм райсты тыххæй æмæ банысан кодта, уæлдай æхсызгон ын кæй у Хуссар Ирыстонæн ахсджиаг боны раарфæ кæнын æфсымæрон хуссарирыстойнаг адæмæн.
Дыууæ фарс дæр равдыстой сæ цæттæдзинад дывæрсон хæларадон бастдзинæдты дарддæры фидар кæнынад æмæ райрæзтмæ.
2025 азы рухæны мæйы 20-æм бон