Кæфты мæйы 1-æм бон Сочийы ацæугæ фембæлды фæстиуæгæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров бафыстой Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады 'хсæн 2026-2017 азтæм Консультациты пълан.
Консультациты пъланы фæлгæтты цæуы координацигонд æхсæнпаддзахадон æмархайд, æддагполитикон архайды фадыджы дыууæ бæстæйы ‘хсæн æмгуыстад, афтæмæй ма иумæйаг конференциты, культурон æмæ спортивон мадзæлтты организаци.
2025 азы кæфты мæйы 1-æм бон