Кæфты мæйы 6-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитеты Сæрдар Саид Ассадуллайы.
Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд Хуссар Ирыстоны уæвæг СДÆК-ы Минæварады гуманитарон проекттимæ баст практикон фарстатыл. Афтæмæй ма хъуыдытæ загъдæуыд æндæр актуалон гуманитарон фарстатыл.
Фембæлды хайад райстой РХИ-йы ФХъМ-йы Æддагполитикон бастдзинæдты управленийы Сæрдары хæдивæг Бабуцидзе Д.С., афтæмæй ма СДÆК-ы Минæварады æхсæнадимæ бастдзинæдты фæдыл кусæг Тедеты Марина æмæ СДÆК-ы Социалон æххуысы программæйы менеджер Цъæритты Ада.
2025 азы кæфты мæйы 6-æм бон