Мæскуыйы Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Хуссар Ирыстоны ФХъМ-йы сæрдар Джиоты Æхсары хайадистæй цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æддагполитикон уагдæтты минæвæртты фембæлдтытæ.
Бастдзинæдтæ здæхт сты æмгуыстад фæуæрæхдæр кæнын, афтæмæй ма консультациты æхсæнуагдонон пъланы фæлгæтты æмархайд æрбæстон кæнынмæ. Ахæм фембæлдтытæ цæудзысты арæхдæр.
2025 азы кæфты мæйы 14-æм бон