Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы алыварс сæвзæргæ уавæры фæдыл

Вашингтоны ‘рдыгæй Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйыл Карибы денджыз æмæ йæ уæлдæфон тыгъдады фарсæй æндæвдады рæзты уавæрты, Хуссар Ирыстон æппæтварсонæй у суверенитет æмæ æдасдзинад бахъахъхъæнынмæ здæхт Венесуэлæйы хицауады архайды ‘вварс.

Стæм ИНО-йы Уагæвæрды сфидаргонд æхсæнадæмон барады бындурон принципты – паддзахады территориалон иудзинадæн кад кæнын, мидхъуыддæгтæм мацы бар дарын, тыхæй ма спайда кæнын, уый нымæц ма боливариайнаг адæм цæмæй сæхæдæг сæ хъысмæт скъуыддзаг кæной, уый æвварс.

Хуссарирыстойнаг адæмы зæрдыл алыхатт дæр лæудзæн, нæ хæдбардзинад банымайгæйæ, Венесуэлæ æхсæнадæмон аренæйы республикæмæ æххуысы къух кæй фæдаргъ кодта, уый. Уыцы къахдзæфæй равдыстæуыд, Венесуэлæ хæст кæй у æмбардзинады барадон принциптыл.

Уый бауадзæн нæй, цæмæй Венесуэлæйы адæмы хуыздæр цард æмæ рæстдзинадмæ тырнынад пайдагонд æрцæуа ацы регионы дестабилизацийæн.

2025 азы кæфты мæйы 24-æм бон

24.10.2025