РХИ-йы ФХъМ-йы кусджыты хайадисты фæдыл Æвзонг дипломатты VIII глобалон форумы

Кæфты мæйы 24-æм бон Уæрæсейы ФХъМ-йы Дипломатон академийы йæ куыст райдыдта Æвзонг дипломатты VIII глобалон форум, кæцы цæуы адæмон дипломатийыл 100 азы сæххæсты цытæн.

Форум бакæныны цытджын церемонийы хайад исынц Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æвзонг дипломатты советы Сæрдар Санахъоты А.Г. æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æвзонг дипломатты советы Секретарь Цхуырбаты А.А. Æдæппæтæй форумы хайад исынц 130 дипломаты дунейы 60 бæстæйæ.

Адæмон дипломатийыл 100 азы сæххæсты цытæн Æвзонг дипломатты VIII глобалон форумы организатортæ æмæ хайадисджытæн раарфæ кодта Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров.

Форум цæуы Уæрæсейы ФХъМ, Россотрудничество, программæ «Ног фæлтæр», Уæрæсейы ФХъМ-йы Дипломатон академийы æххуысæй.

2025 азы кæфты мæйы 24-æм бон

24.10.2025