Джеоргуыбайы мæйы 21-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар бабæрæг кодта зынгæ политикон архайæг æмæ ахуыргонд, историон зонæдты кандидат Пухаты Петры фырт Константины чиныг «Ирæтты геноциды истори 1920»-ы презентаци, кæцы ацыд Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты (ХИЗИИ) Хъæбатырдзинад æмæ адæмон иудзинады боны цытæн.
Чиныджы бæстонæй æркастæуыд 1920 азы цаутæм, кæцытæ æнустæм баззайдзысты ирон адæмы бирæазон национ-ссæрибаргæнæн тохы историйы.
Мадзалы райдайæн РХИ-йы Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы номæй загъта арфæйы ныхæстæ æмæ банысан кодта, ахæм æрмæг ахсджиаг кæй у истори бахъахъхъæныны хъуыддаджы.
ХИЗИИ-йы Директор Гаглойты Роберт бахахх кодта, «Ирæтты геноциды истори 1920» аккаг бынат кæй бацахсдзæн Ирыстоны адæмы историйы фæдыл чингуыты 'хсæн.
2025 азы джеоргуыбайы мæйы 21-æм бон