Джеоргуыбайы мæйы 23-æм бон Хуссар Ирыстоны нысан цæуы Æхсардзинад æмæ Адæмон Иудзинады бон, кæцы официалон æгъдауæй расидтæуыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты 2010 азы джеоргуыбайы мæйы 23-æм бонæй Барамындмæ гæсгæ. Ацы бон 1989 азы мингай гуырдзиаг националисттæ гæрзифтонгæй æрбацыдысты Цхинвалмæ æнæбасæтгæ ирæттæн «зонд бацамоныны» фæндимæ. Фæлæ сæ фæндтæ сæ къухты нæ бафтыдысты. Ирон адæм æрбаиу сты æмæ сын сæ фæндаг æрæхгæдтой. Уый уыд национ иудзинады æвдисæн.
Афтæ райдыдта хуссарирыстойнаг адæмы тох сæ сæрибар æмæ хæдбардзинадыл, национ размæдзыд æмæ сæ бартыл.
Æхсардзинад æмæ Адæмон Иудзинады бон канд зæрдылдарæн историон бон нæу. 36 азы размæ цаутæ æрбангом кодтой хуссарирыстойнаг адæмы, систы хъæддыхдзинад, адæмы æнæбасæтгæ тых, Фыдыбæстæмæ æгæрон уарзт æмæ сæрибар царды сæраппонд тохы æвдисæн. Уæд Хуссар Ирыстоны адæм ноджы ирддæрæй бамбæрстой, сæ кад æмæ сæрибардзинад бахъахъхъæнын сæ бон кæй суыдзæн æрмæстдæр æнгомæй, иумæ.
Йæ паддзахаддзинады рæзты фæндагыл Хуссар Ирыстон бирæ зындзинæдтæ, цæлхдурты сæрты рацыд, фæлæ йе ‘нæбасæтгæ æнгомдзинадæй æппæт дунейæн равдыста, знагæн кæй нæ бантысдзæн йæ тырнынад сæрибар æмæ хæдбардзинадмæ асæттын. Ацы бон мах арæм сæ цард цы хъайтартæ раттой, уыдон рухс нæмттæ, кад кæнæм ныры патриоттæ æмæ Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджытæн.
Джеоргуыбайы мæйы 23-æм бон ацыд мемориалон комплекс «Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæ»-мæ дидинтæ сæвæрыны церемони, горæт Цхинвалмæ æрбацæуæны Присы къуылдымыл ацыд митинг.
Мадзæлтты хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Министрады кусджытæ.
2025 азы джеоргуыбайы мæйы 23-æм бон