Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары фембæлды фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Официалон Минæварады сæрдар Плиты Аланимæ

Встреча А.М. Джиоева и А.С. Плиева

Цыппурсы мæйы 19-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Официалон Минæварады сæрдар Плиты Аланы.  

Фембæлды рæстæджы дыууæ фарс дæр æрдзырдтой дывæрсон æмгуыстады актуалон фарстатыл, æркастысты Приднестровьейы алыварс æхсæнадæмон уавæрмæ, ацæугæ азы иумæйаг куысты хатдзæгтæ скодтой.

Нысангонд æрцыд, хуссарирыстойнаг-приднестроваг æмархайд, уый нымæцы æддагполитикон уагдоны æмæ Официалон минæварады хаххыл æмгуыстад, æнтысджынæй кæй рæзы. 

Фембæлд ацыд хæларадон уавæры æмæ равдыстæуыд цæттæдзинад дыууæ бæстæйы æддагполитикон уагдæтты 'хсæн дарддæры æмархайдмæ.  

Фембæлды ма хайад райста РХИ-йы ФХъМ-йы Фæсарæйнаг уагдæттимæ куысты фæдыл хайады Сæрдар Санахъоты А.Г. 

2025 азы цыппурсы мæйы 19-æм бон

19.12.2025