Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар раарфæ кодта Республикæ Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Елбачиты Аланæн йæ Райгуырæн боны цытæн.
Сæрмагондæй, Джиоты Æхсар йæ арфæйы банысан кодта Абхазы уæвæг Хуссар Ирыстоны Минæварады æнтысджын куыст æмæ Алан Мухарбеджы фырты уæзгæ хайбавæрд дыууæ бæстæйы ‘хсæн æппæтварсон æмгуыстад сфидар кæнын æмæ райрæзты хъуыддагмæ. Йæ зæрдæ йын загъта æнæниздзинад, фæрныгад æмæ дарддæры æнтыстыты фæндиæгтæ.