Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар раарфæ кодта Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Олег Барцицæн йæ Райгуырæн боны цытæн.
Сæрмагондæй, Джиоты Æхсар йæ арфæйы банысан кодта Олег Мсасы фырты хисæрмагонд æмæ профессионалон миниуджытæ, кæцытæ ахъаз сты Республикæ Абхазы æддагполитикон курсы æнтысджын реализацийæн, афтæмæй ма йæ ныфс ис, иу историон хъысмæт æмæ стратегион нысæнттыл бындуриуæг кæнгæйæ, æнгом æмархайд æмæ кæрæдзийæн æххуыс дарддæр дæр ахъаз кæй уыдзысты Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы 'хсæн æфсымæрон ахастыты райрæзтæн.