Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Абхазы Боциты Ильяйы фырт Олегы рухс номыл

Олег Ильич Боциев

Тæргæйтты мæйы 26-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Абхазы Боциты Ильяйы фырт Олегыл сæххæст уыдаид 72 азы. 

Боциты Олег куыста Республикæ Абхазы алыхуызон бынæтты, æппæты зындæр рæстæджыты абхазаг æфсымæртимæ иумæ хъахъхъæдта Апсныйы сæрибардзинад æмæ хæдбарад. Дипломатон службæйы уыд 2007 азæй фæстæмæ, 2013 азæй лæууыд Хуссар Ирыстоны Минæварады сæргъ Абхазы. 

Олег Ильяйы фырт уыд æцæг патриот, стыр профессионал, хæларзæрдæ æмæ цæстуарзон адæймаг, кæцы уæзгæ хайбавæрд бахаста хуссарирыстойнаг-абхазаг ахастыты сфидар кæнын æмæ размæдзыдмæ. 

Боциты Олегæн йæ куысты рæстæджы лæвæрд æрцыдысты РХИ, РА æмæ УФ-йы паддзахадон хорзæхтæ. 

Боциты Ильяйы фырт Олегы рухс ном æнустæм баззайдзæн йæ зынаргъ адæмы, æмгæртты æмæ коллегæты зæрдæты.

26.03.2026