Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æхсæнуагдонон консультациты фæдыл

МИД Южной Осетии

Хуымгæнæны мæйы 6-7-æм бонты Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыдысты æхсæнуагдонон консультацитæ. Хуссар Ирыстоны ФХъМ-йы Сæрдар Джиоты Æхсар фембæлд Уæрæсейы ФХъМ-йы латиноамерикаг департаменты, Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæты дыккæгæм департаменты æмæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæты цыппæрæм департаменты къухдариуæгадимæ.

Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд дывæрсон ахастыты фарстатыл, афтæмæй ма дыууæ фарсæн дæр цымыдисаг цы регионтæ сты, уыдоны уавæрыл.

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æддагполитикон уагдæтты æдзухон кусæгон бастдзинæдты сæйраг нысан у æддагполитикон архайдтыты æнгом æмбастдзинад.

2026 азы хуымгæнæны мæйы 7-æм бон

07.04.2026