Хуымгæнæны мæйы 17-æм бон Мæскуыйы ацыд Венесуэлæйы хæдбардзинад расидыны фæдыл акт бафыссынæй 216 азы рацыды цытæн мадзал.
Церемонийы хайад райстой Мæскуыйы аккредитацигонд дипломатон корпус, Уæрæсейы ФХъМ-йы минæвæрттæ, æхсæнад æмæ Боливариайнаг Республикæйы хæлæрттæ.
Мадзал бабæрæг кодтой РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæ æмæ Республикæ Никарагуайы Козаты Нарим, афтæмæй ма Хуссар Ирыстоны дипминæварады Уынаффæгæнæг Денис Долгушев.
2026 азы хуымгæнæны мæйы 17-æм бон