Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы арфæ Дипломатон кусæджы боны цытæн

Президент РЮО А.Э. Гаглоев

Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Дипломатон кусæджы бæрæгбоны цытæн!

Паддзахадон управленийы уæ куыстæн ис уæлдай ахсджиаг нысаниуæг, æхсæнадæмон аренæйы бæстæйы национ интерестæ размæ кæнын æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны суверенитет хъахъхъæныны хъуыддаджы у сæйраг иуæг. Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагполитикон курсы реализаци, фæсарæнты не ‘мбæстæгты интерестæ æмæ бартæ хъахъхъæнын, фæсарæйнаг партнертимæ фæстиуæгджын æмархайд сфидар кæныны хъуыддаджы сымахыл æвæрд ис стыр бæрндзинад.

Æрæвæргæ хæстæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы бæрзонд профессионализм æмæ æнувыддзинад æвдисгæйæ, дарддæр кæнут хистæр фæлтæрты фæткæвæрд. Уæ фæстиуæгджын куысты фæрцы размæ цæуынц хæларадон бæстæтимæ ахастытæ.

Бузныг уын уæ хайбавæрды тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагполитикон курсы размæдзыдмæ. Фидарæй мæ уырны, дарддæр дæр аккагæй кæй æххæст кæндзыстут уæ разы æвæрд хæстæ.

Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ ног æнтыстытæ Республикæ Хуссар Ирыстоны рæзтæн! Уæ бинонтимæ иумæ хайджын ут сабырад, хæлардзинад æмæ фæрныгадæй!

28.05.2026