Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары фембæлды фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовимæ

А.М. Джиоев и М.М. Кулахметов

Зæрдæвæрæны мæйы 28-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар йæхимæ райста Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовы.

Марат Кулахметов фæхæццæ кодта Джиоты Æхсармæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Хæдивæг Михаил Галузины Хуссар Ирыстоны Дипломатон кусæджы боны цытæн арфæйы фыстæг, кæцыйы нысан цæуы: «Республикæ расидыны фæстæ Министрады къухдариуæгад æмæ кусджытæ уæхскуæзæй архайынц уæ бæстæйы æхсæнадæмон позицитæ сфидар кæныны хъуыддагыл. Аргъ кæнæм нæ уагдæтты 'хсæн сæвзæргæ ахастытæн. Мах дарддæр кæндзыстæм уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастыты райрæзт æмæ Цхинвалы фæсарæйнаг бастдзинæдтæ уæрæх кæныны фæдыл куыст. Ахсджиаг ссис 2026 азы зæрдæвæрæны мæйы 9-æм бон Президенттæ Владимир Путин æмæ Гаглойты Аланы Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны 'хсæн хæларадон æмархайд уæрæхдæр кæныны фæдыл бадзырды бафыст». 

Минæварады кусджыты æмæ сæрмагондæй йæхи номæй Марат Кулахметов раарфæ кодта Джиоты Æхсар æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæн Дипломатон кусæджы бон æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сырæзтæй 34 азы рацыды цытæн. 

Минæвар банысан кодта, дыууæ бæстæйы æддагполитикон уагдæттæн цыбыр рæстæгмæ кæй бантыст Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны 'хсæн ахастытæ ног æмвæзадмæ ракæнын, æмæ æрæджы та – арф интеграцийы фæндагыл сæвæрын. Афтæмæй ма Марат Кулахметов ныфс дары, РХИ-йы ФХъМ æмæ Цхинвалы уæвæг Уæрæсейы Минæварады коллективты 'хсæн сæвзæргæ хæларадон ахастытыл бындуриуæг кæнгæйæ, æнгом æмæ фæстиуæгджын æмархайд дарддæр кæй цæудзæн. 

2026 азы зæрдæвæрæны мæйы 28-æм бон

 

28.05.2026