Майрæмты мæйы 25-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары сæргълæудæй æрцыд Республикæ Абхазмæ, цæмæй хайад райса Уæрæсейы Фæдерацийы 'рдыгæй Республикæ Абхазы хæдбардзинады банымадæй 18 азы рацыды бæрæгбоны.
Делегацийы сконды Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Уынаффæгæнæг Тадтаты Сергей æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Фæсарæйнаг уагдæттимæ куысты фæдыл хайады сæрдар Санахъоты Алексей.
Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийыл Республикæ Абхазы арæныл фембæлд Вице-премьер, Фæсивæды æмæ спорты хъуыддæгты фæдыл Республикæ Абхазы Паддзахадон комитеты сæргълæууæг Таращ Хагба æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Абхазы Астамур Кация.
Горæт Гаграйы Хуссар Ирыстоны фæмард хъахъхъæнджытæ – Абхазы сæрибар æмæ хæдбардзинады сæрвæлтау фæмард Хуссар Ирыстонæй хъайтарты Мемориалон комплексмæ делегаци сæвæрдта дидинтæ.
2026 азы майрæмты мæйы 25-æм бон