Уæрæсейы Федерацийы 'рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй æстдæс азы рацыды цытæн

МИД Южной Осетии

Майрæмты мæйы 26-æм бон нысан цæуы Уæрæсейы Федерацийы 'рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй æстдæс азы рацыды бæрæгбон.

18 азы размæ, ИНО-йы уагæвæрдтæ æмæ æндæр æхсæнадæмон бындурон документтæ хынцгæйæ, Уæрæсейы Федерацийы Президент Д.А. Медведев бафыста Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон суверенитет банымайыны фæдыл историон Барамынд. Республикæ Хуссар Ирыстон ссис æхсæнадæмон барады æххæстбарджын уæнг. 

Уæрæсейы къухдариуæгады ацы къахдзæф бындуронæй фæивта Фæскавказы геополитикон арæзтад æмæ ахъаз уыд хуссарирыстойнаг адæм æмæ паддзахады æдас æмæ стабилон размæдзыдæн. 

Абон Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн ахастытæ рæзынц æмæ активонæй размæ цæуынц. Иумæйаг зындзинæдтæ æмæ тæссагдзинады ныхмæ лæугæйæ, Хуссар Ирыстон кæддæриддæр у Уæрæсейы Федерацийы ‘вварс – уыйхыгъд СХО-йы фронтты дæр. 

Хуссар Ирыстоны æдзухдæр сæ зæрдыл дардзысты ирон æмæ уæрæсейаг солдаттæ æмæ офицерты, скуынæг кæныны раз тæссагдзинады сахат æххуысы къух чи фæдаргъ кодта æмæ нæ Фыдыбæстæйы сæрибар æмæ хæдбардзинады сæрвæлтау йæ цард чи снывонд кодта, æппæт уыдоны сгуыхтдзинад. 

2026 азы майрæмты мæйы 26-æм бон

 

26.08.2026