Уæрæсейы Федерацийы 'рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 18 азы рацыды цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары интервью ИА ТАСС-æн

А.М. Джиоев

Уæрæсейы 'рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны фæдыл

- Майрæмты мæйы 26-æм бон Хуссар Ирыстон нысан кæны сæйрагдæр паддзахадон бæрæгбонтæй иу – Уæрæсейы Федерацийы 'рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад банымайыны бон. ИНО-йы Æдасдзинады Советы æнæивгæ уæнг, раззагондæр паддзахадтæй иуы, афтæмæй ма æндæр суверенон паддзахадты 'рдыгæй банымад Фæскавказы сфидар кодта ног геополитикон уавæр æмæ бындур æрæвæрдта Хуссар Ирыстоны зæххыл стабилондзинад æмæ æдасдзинадæн. 

Хуссар Ирыстоны нырыккон историйы ацы цау ссис историон рæстдзинад сног кæныны акт, кæцымæ æркодта гуырдзиаг агрессийы ныхмæ бирæазон уæззау тох, ирон цæрджыты ныхмæ геноцид æмæ террор. 

Уæрæсейы Федерацийы 'рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымады сæйраг фæстиуæг – адæмæн сабырæй цæрыны, сывæллæтты хъомыл кæныны æмæ рухс фидæнмæ тырныны бар. 

https://tass.ru/mezhdunarodnaya-panorama/28044715

УФ-имæ стратегион партнерады фæдыл

- Хуссар Ирыстонæн йæ размæдзыды фæндаг бæрæг æрцыд историон процесстæй æмæ йæ адæмы фæндонæй, Уæрæсейы Федерациимæ стратегион партнерад та у хуссарирыстойнаг зæххыл сабырады бындур. 

Уæрæсейы Федерацийы 'рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй рацыд 18 азы. Уыцы рæстæгмæ бæстæты 'хсæн дывæрсон ахастытæ рацыдысты стратегион партнерад æмæ æмцæдисады ног æмвæзадмæ. 

Ацы азты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы политикон институтты уæхскуæз æмæ бындурон æмархайд æппæтварсонæй ахъаз у интеграцион бастдзинæдтæ уæрæх кæнын æмæ дывæрсон æмархайды райрæзтæн. Абон ацы æмархайд æнцой кæны фидар нормативон-барадон бындурыл, кæцыйы ис 150 æхсæнпаддзахадон бадзырдмæ æввахс, уыдонæй уæлдай ахсджиаг ссис 2026 азы зæрдæвæрæны мæйы 9-æм бонæй Æмархайд уæрæх кæныны фæдыл ног бадзырд. 

Æмтгæй райсгæйæ, Уæрæсейы Федерациимæ ахастытæн ис æвæрццаг здæхт. Дывæрсон ахастыты размæдзыд æппæтæй дæр дзуапп дæтты Хуссар Ирыстоны национ интерестæн æмæ ахъаз у регионы сабырад æмæ стабилондзинад бахъахъхъæнынæн. 

Уæрæсейы фидар хъахъхъæнæн уарты æмæ æппæтварсон æххуысы, афтæмæй ма экономикон фадыг æмæ кадрон политикæ хуыздæр кæныны фæдыл къухдариуæгады куысты фæрцы, Хуссар Ирыстонæн абоны бон ис æппæт уавæртæ дæр размæдзыд æмæ йæ адæмы фæрныгадæн. 2030 азмæ социалон-экономикон размæдзыды иумæйаг паддзахадон программæйы фæлгæтты ног æмвæзадмæ рахызт социалон-экономикон æмархайд дæр. 

https://tass.ru/mezhdunarodnaya-panorama/28044779

УФ-имæ иумæйаг æхсæнадæмон бастдзинæдтæ уæрæх кæныны фæдыл

- Æддагполитикон здæхты Цхинвал æмæ Мæскуыйы иумæйаг куыст здæхт у республикæйы æхсæнадæмон-барадон статус сфидар кæнынмæ. Иумæйаг курс ахъаз у Хуссар Ирыстоны суверенитет бахъахъхъæнынæн, афтæмæй ма Хуссар Ирыстоны æхсæнадæмон контакттæ уæрæх кæнынæн. 

Абоны бон æхсæнадæмон ахастытæ не сты стабилон, фæлæ уымæ нæкæсгæйæ, Хуссар Ирыстоны ФХъМ кæны фæстиуæгджын куыст, кæцы здæхт у хæларадон бæстæты нымæц ауæрæх кæнын æмæ йе ‘хсæнадæмон позицитæ сфидар кæнынмæ. 

Уыцы архайд цæуы, Хуссар Ирыстоны цы бæстæтæ банымадтой, уыдонимæ дывæрсон ахастытæ размæ кæныны уылтыл, афтæмæй ма фидар кæны бастдзинæдтæ уыцы бæстæтимæ, кæцытæн цымыдисаг у республикæимæ æмгуыстад. Ацы куысты ахсджиаг здæхт у ирон диаспоратæ æмæ фæсарæнты æмбæстæгтимæ æмархайд, уымæй дарддæр ма партнерон структурæтæ æмæ хæларадон бæстæты уылтыл Хуссар Ирыстоны интерестæ размæ кæныны уыцы регионты, цыран нæй дипломатон каналтæ. 

Хуссар Ирыстон координаци кæны куыст уæрæсейаг коллегæтимæ æмæ уыны се 'ххуыс æмæ æмархайд дæр, уый ахсджиаг у дунейы ныры политикон уавæр æмæ геополитикон ивындзинæдты рæстæджы. 

https://tass.ru/mezhdunarodnaya-panorama/28044923

Гуырдзыстонимæ ахастытæ æрбæстон кæныны фæдыл

- Гуырдзыстон ныма нæу разы 2008 азы майрæмты мæйы сæвзæргæ ног геополиткон уавæрыл. Уыимæ иумæ дыууæ ног паддзахады банымайын æмæ семæ ахастытæ æрбæстон кæнын дзуапп дæтты Гуырдзыстонæн йæхи интерестæн дæр. 

Рæстæгæй-рæстæгмæ сабырадон фидиуæнтæм нæкæсгæйæ, арæхдæр Гуырдзыстонæй хъусæм бынтон æндæр ныхæстæ – фылдæр провокацион здæхтимæ. 

Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситæ – абоны бон иунæг æхсæнадæмон формат Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны комкоммæ диалогæн, кæцыты сæйраг хæс у республикæйы æдасдзинад бахъахъхъæнын æмæ ног хæстон архайдтытæ ма бауадзын. 

Хуссар Ирыстонæн йе ‘дасдзинад бахъахъхъæнын у сæйрагдæр. Уый уæлдай ахсджиаг у, уымæн æмæ Женевæйы дискусситы фæлгæтты Гуырдзыстон нæу разы тыхæй ма спайда кæныны фæдыл документ бафыссын. Бæрæг у, æмæ Гуырдзыстоны ахæм позици ахъаз нæу регионы стабилондзинадæн. Уымæ нæкæсгæйæ, мах тырнæм уымæ, цæмæй æхсæнадæмон дискусситæ æркæной бæрæг бæлвырд фæстиуæгмæ. Фидарæй йæ зонæм, æмæ уæвæг зындзинæдтæ аскъуыддзаг кæнынæн ахсджиаг у æргом æмæ конструктивон архайд. 

https://tass.ru/mezhdunarodnaya-panorama/28044875

 

26.08.2026