Майрæмты мæйы 26-æм бон Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары сæргълæудæй Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци хайад исы Уæрæсейы Федерацийы 'рдыгæй Республикæ Абхазы хæдбардзинад æмæ паддзахадон суверенитеты банымадæй 18 азы рацыды цытæн мадзæлтты.
Хуссарирыстойнаг делегацийы сконды Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры уынаффæгæнæг Тадтаты Сергей æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фæсарæйнаг уагдæттимæ куысты фæдыл хайады сæрдар Санахъоты Алексей.
Мадзалы фæлгæтты ацыд 1992-1993 азты Абхазы адæмы Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвджыты Мемориалмæ, Абхазы фыццаг Президент Владислав Ардзинбайы Мемориалмæ Дæллаг Эшерайы (Сухумы район), Абхазы дыккаг Президент Сергей Багапшы Мемориалмæ хъæу Джгярдайы (Очамчырайы район) дидинтæ сæвæрыны церемони.
Мадзæлтты хайад райстой Абхазы Президент Бадра Гунба, Абхазы Вице-президент Беслан Бигвава, Абхазы Премьер-министр Владимир Делба, Абхазы Парламенты Спикер Лаша Ашуба, Абхазы президенты Администрацийы минæвæрттæ, Абхазы Парламенты депутаттæ, Абхазы Министрты кабинеты уæнгтæ, Уæрæсейы Минæвар Абхазы Вячеслав Гладков, Хуссар Ирыстоны Минæвар Абхазы Астамур Кация, Башкортостаны Премьер-министр Андрей Назаров, Никарагуайы Минæвар Уæрæсе æмæ Абхазы Альба Асусена Торрес Мехия, Венесуэлæйы Минæвар Уæрæсейы æмæ Абхазы Хесус Рафаэль Саласар Веласкес, æндæр уазджытæ, хæсты ветерантæ, фæмардуæвджыты ныййарджытæ, æхсæнад.
2026 азы майрæмты мæйы 26-æм бон