Беслæны терактæй дыууын дыууæ азы рацыды охыл

МИД Южной Осетии

Рухæны мæйы 1-3 бонты Ирыстоны цæуынц Беслæны Фыццæгæм скъолайы æрцæугæ æвирхъау терактæй дыууын дыууæ азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ.

Ацы бон æппæт Ирыстонæн, ирон адæмæн æнустæм ссис æнæбасæтгæ рыст. 2004 азы рухæны мæйы 1-æм бон Беслæны скъолайы Зонындзинæдты бæрæгбоны рæстæджы æгъатыр террористты амынæттæ систы ахуырдзаутæ, сæ ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ. 

Азтæ цæуынц, фæлæ рыст нæ мынæг кæны. Беслæн ирон адæмы зæрдæты ныууагъта æнæбайгас хъæдгом. Æнаххосджын амæттæгтæ – сабитæ, хистæр кары адæмы рухс ном махæй алкæмæндæр уаз у. Ацы æвирхъау фыдракæнд ссис иумæйаг рыст, кæцы ноджы тынгдæр æрбангом кодта нæ адæмы. 

Ацы хъынцъымы бон мах мæсæллæй кæнæм фæмардуæвджыты æппæт хиуæттæ æмæ æввахс адæмæн. Нæ сæртæ ныллæг къул кæнæм ацы зындоны сæрты чи рахызт, уыдоны хъæбатырдзинады раз. 

Фæмардуæвджыты рухс ном æнустæм цæрæд. Нæ зæрдыл дарæм. Хъынцъым кæнæм.

01.09.2026