Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй 18 азы рацыды фæдыл

МИД Южной Осетии

Рухæны мæйы 9-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныныл æххæст кæны 18 азы.

2008 азы рухæны мæйы 9-æм бон бындур æрæвæрдта официалон æхсæнпаддзахадон диалогæн, кæцы абоны бон рахызт стратегион партнерад æмæ æмцæдисадмæ. 

Ацы 18 азмæ стыр фæндагыл рацыд нæ бæстæ. Уæрæсе Хуссар Ирыстонæн уыд æмæ у канд æддагполитикон партнер нæ, фæлæ йе ‘дасдзинад, стабилондзинад æмæ социалон-экономикон размæдзыды сæйраг гарант. 

Абоны бон нæ ахастытæ сты æппæтварсон. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы 'хсæн бафыстгонд бадзырдадтæ систы фидар бындур, кæцыйыл арæзт цæуы æнгом æмархайд æппæт фадгуыты: иумæйаг æдасдзинад æмæ паддзахадон арæнтæ хъахъхъæнынæй социалон-экономикон æххуысы программæты реализацийы онг. 

Мах ныфс ис дарддæр дæр фидар кæнын Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы 'хсæн хæларадон æмæ партнерадон ахастытæ нæ бæстæтæ æмæ адæмы хæрзиуæгæн. 

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй 18 азы рацыды фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары номæй арфæйы фыстæджытæ арвыстæуыд Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовмæ. 

2026 азы рухæны мæйы 9-æм бон

09.09.2026