Арфæйы фыстæг Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Феликс Рамон Пласенсиа Гонсалесмæ Венесуэлæйы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 17 азы рацыды цытæн

Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 17 азы рацыды цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Феликс Рамон Пласенсиа Гонсалесмæ. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«2009 азы рухæны мæйы 10-æм бон æнустæм баззад хуссарирыстойнаг паддзахаддзинады историйы. 17 азы размæ уынаффæ рахастæуыд Венесуэлæйы аккагдæр минæвар Уго Чавесы къухдариуæгады бын. Уый канд дипломатон акт нæу, фæлæ ма нæ иумæйаг принципты æвдисæн».

Ацы ахсджиаг боны фæдыл ма Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Хесус Рафаэль Саласар Веласкесмæ.

10.09.2026