Новости

Archive

Тæргæйтты мæйы 19-æм бон Хуссар Ирыстоны ФХъМ-йы хъæппæрисæй онлайн-форматы ацыд фембæлд Манагуаимæ (Никарагуа), кæцыйы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты со-министр Вальдрак Джентске.

Онлайн-фембæлдмæ æрбаиу сты Никарагуайы Æддагполитикон уагдоны со-министр Денис Монкада, кæцы ис Нью-Йоркы, афтæмæй ма Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Альба Асусена Торрес Мехия.

МИД Южной Осетии

2026 азы тæргæйтты мæйы 19-æм бон Женевæйы ацыд Фæскавказы стабилондзинад æмæ æдасдзинады фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы 66-æм раунд. Дискусситæ цæуынц Медведев æмæ Саркозийы 2008 азы майрæмты мæйы 12-æм æмæ рухæны мæйы 8-æм бонты бадзырдадтæм гæсгæ. Фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, Америкæйы Иугонд Штатты делегацитæ, афтæмæй ма Европæйы Цæдисы, Иугонд Нациты Организацийы, Европæйы Æдасдзинад æмæ æмгуыстады фæдыл организацийы минæвæрттæ.

МИД Южной Осетии

11 азы размæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе бафыстой Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырд, кæцы дыууæ бæстæйы 'хсæн ахастытæ ракодта ног æмвæзадмæ.

Ацы æппæтварсон документ у фидар бындур хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг ахастыты æппæт бадзырдон-барадон æрмæгæн. 2008 азæй Хæларад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуысы Бадзырдимæ иумæ ноджы сфидар кодта Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы 'хсæн паддзахадон ахастытæ, кæцытæ бындуриуæг кæнынц историон æмæ культурон бастдзинæдтыл. 

35 лет Ередской трагедии

Æрвыл аз дæр тæргæйтты мæйы 18-æм бон Хуссар Ирыстоны ссарынц Ереды трагедийы чи фæмард, уыдон рухс нæмттæ. Уыцы цау ссис геноциды политикæйы радон æвдисæн, кæцы Гуырдзыстоны хицауад сæдæ азы дæргъы уагъта ирон адæмы ныхмæ.

Встреча Президента РЮО А.Э. Гаглоева с Министром иностранных дел РЮО А.М. Джиоевым

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан ауагъта кусæгон фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсаримæ.

Фембæлды сæйраг темæ ссис æддагон политикæйы фадыджы Паддзахады сæрдары хæсты реализаци, кæцытæ загъд æрцыдысты хицауады рабадты рæстæджы. 

Æрдзырдæуыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад цы паддзахадтæ банымадтой, уыдонимæ æмархайд сфидар кæныны, афтæмæй ма иннæ бæстæтимæ дипломатон бастдзинæдтæ ауæрæх кæныны фæдыл. 

Хицæн хъусдард аздæхтæуыд Уæрæсейы Федерациимæ æмгуыстад æмæ интеграцион процессты дарддæры райрæзтмæ. 

МИД Южной Осетии

Дипломатон æгъдауæй æрбæстон кæныны фæлварæнтæм нæкæсгæйæ, хæстон-политикон уавæр Æввахс Скæсæны æвиппайды æрцыд дестабилизацигонд. Уый баст у Ираны ныхмæ Америкæйы Иугонд Штатты æмæ Израилы хæстон-уæлдæфон цæфтимæ.

Атакæты фæстиуæгæн ис бирæ амæттæгтæ Ираны цæрджыты, уый хыгъд политикон æмæ хæстон къухдариуæгады ‘хсæн дæр. Фæхъуыд Ираны Сæрдар Али Хоменеи.

Ираны фарсæрдыгæй атакæгонд æрцыдысты хæстон объекттæ, Америкæйы Иугонд Штатты – Кувейты, Иракы цæгат фарс, Саудаг Арави, Катар, Иугонд Араббаг эмираттæ æмæ Израилы.

Встреча Ахсара Джиоева с Альбой Асусеной Торрес Мехия

Тæргæйтты мæйы 6-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар фембæлд Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Альба Асусена Торрес Мехияимæ.

Фембæлд ацыд хæларадон уавæры. Ныхасы рæстæджы равдыстæуыд цæттæдзинад Хуссар Ирыстон æмæ Никарагуайы 'хсæн дарддæры фæстиуæгджын æмгуыстадмæ. 

2026 азы тæргæйтты мæйы 6-æм бон

Встреча А.М. Джиоева и Х.Р. Саласара Веласкеса

Тæргæйтты мæйы 5-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар Мæскуымæ кусæгон балцы фæлгæтты бабæрæг кодта Уго Рафаэль Чавес Фриасы царды ахицæнæй XIII азы рацыды охыл мысæн мадзал, кæцы ацыд Венесуэлæйы дипломатон минæварады Мæскуыйы. 

Мадзалы фæлгæтты ацыд Хуссарирыстойнаг æддагполитикон уагдоны сæрдар Джиоты Æхсары фембæлд Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хесус Рафаэль Саласар Веласкесимæ.

МИД Южной Осетии

Тæргæйтты мæйы 5-æм бон Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Мæскуыйы ацыдысты æхсæнуагдонон консультацитæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Уæрæсейы Федерацийы ФХъМ-йы Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады (ХПÆ) бæстæты Цыппæрæм департаменты къухдариуæгады хайадистимæ.

Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд регионалон проблематикæйы актуалон здæхтыты, афтæмæй ма хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг дывæрсон æмархайды фарстатыл, се ‘хсæн æддагполитикон уагдæтты хаххыл æмгуыстад дæр.

2026 азы тæргæйтты мæйы 5-æм бон

Круглый стол «Единство народов России и Осетии: диалог культур в условиях современности»

Тæргæйтты мæйы 2-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста Тымбыл фынг «Уæрæсе æмæ Ирыстоны адæмты иудзинад: культурæты диалог нырыккон уавæрты»-йы куысты, кæцы арæзт æрцыд Уæрæсейы Адæмты иудзинады азы фæлгæтты РПП «Иудзинад» æмæ РПП «Ныхас»-ы æххуысæй.

Мадзал ацыд Анахарсисы номыл Хуссар Ирыстоны Республикон библиотекæйы æмæ йæ сæйраг нысан у æхсæнадæмон ахастыты дарддæры райрæзт æмæ адæмты ‘хсæн хæлардзинады сфидаркæнынад.

МИД Южной Осетии

Æртхъирæны мæйы 24-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Эдуарды фырт Аланы Барамындмæ гæсгæ Джиоты Мурæты фырт Æхсар нысангонд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй.

2026 азы æртхъирæны мæйы 24-æм бон

Рабочая встреча с Сопредседателями Международных дискуссий по безопасности и стабильности в Закавказье от ЕС, ОБСЕ и ООН

Æртхъирæны мæйы 17-æм бон Цхинвалы ацыд Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы хайадисджыты кусæгон фембæлд ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йы Æмсæрдæрттимæ.

Фембæлды рæстæджы æрдзырдæуыд Дискусситы радон 66-æм раунды актуалон фарстатыл, кæцы нысангонд æрцыд ацы азы тæргæйтты мæйы 18-19 бонтæм.