Абон Хуссар Ирыстоны нысан цæуы ахсджиаг бон – Республикæ расидынæй рацыд 36 азы.
Нæ суверенон паддзахаддзинады бындур æрæвæрдæуыд рухæны мæйы 20-æм бон, уæд Хуссар Ирыстоны автономон облæсты адæмон депутатты совет райста Паддзахадон суверенитеты фæдыл Деклараци, кæцымæ гæсгæ расидтæуыд Хуссар Ирыстоны Советон Демократион Республикæ Советон Цæдисы сконды. Зын историон рæстæджы æрмæстдæр ацы уынаффæйæ уыд гæнæн нæ адæмы бахъахъхъæнын. Ацы къахдзæф бындуриуæг кодта уæды рæстæджы барадон нормæтæ æмæ æхсæнадæмон барады бындурон принциптыл.
Республикæ æндидзыдта Гуырдзыстоны ‘рдыгæй уæззау политикон æмæ хæстон æндæвдады уавæрты. Нæ адæмы раз лæууыдысты бирæ фыдæвзарæнтæ æмæ уæззау тох.
Сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады аргъ уыд хъæбатырдзинад æмæ хъæддыхдзинад. Мингай адæм сæ цардты аргъæй балхæдтой нæ зæххыл цæрыны бар. Æппæты зындæр рæстæджыты хуссарирыстойнаг адæм æвдыстой куырыхондзинад, æнгомдзинад æмæ стыр бæрндзинад сæ фæстагæтты раз. Растдæр адæмон иудзинады фæрцы бантыст хæсты зын азты фидарæй фæлæууын.
Хи паддзахаддзинадæй Республикæ Хуссар Ирыстонæн байгом сты ног фæрæзтæ æппæтварсон æхсæнадæмон-политикон æмæ экономикон размæдзыдæн, афтæмæй ма фæзындысты æппæт уавæртæ дæр мадæлон æвзаг æмæ хъæздыг культурæ бахъахъхъæнынæн.
Ацы бæрæгбоны мах бузныг стæм æмæ нæ зæрдыл дарæм нæ Республикæйы арæзтады ратæдзæнты чидæриддæр лæууыд, йæ фыццаг паддзахадон институтты арæзтады чи иста хайад, æппæт уыдоны.
2026 азы рухæны мæйы 20-æм бон