Рухæны мæйы 18-20-æм бонты Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæмæ фарастæм æрсидты æвзæрстыты хайад райстой Уæрæсейы æмбæстæгтæй Республикæ Хуссар Ирыстоны чи цæры, науæд хъæлæс кæныны бон йæ территорийыл чи уыд, уыдон дæр.
Хуссар Ирыстоны баконд ис иуæндæс æвзарæн фадыджы. Хъæлæс кæныны процесс сорганизаци кодта Уæрæсейы Федерацийы Минæварад Хуссар Ирыстоны.
Æвзарджыты фылдæр хай сæ хъæлæстæ радтой парти «Иугонд Уæрæсе»-йæн (67,6%), УФКП (10,6%), УЛДП (5%), парти «Ног адæм» (3,2%) æмæ парти «Уæрæсейы Коммунисттæ»-йæн та (2,1%).
Республикæ Хуссар Ирыстоны æвзæрстытæ ацыдысты фæткмæ гæсгæ, сабыр уавæрты.
2026 азы рухæны мæйы 21-æм бон