1992 азы сусæны мæйы 14-æм бон гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны сæйраг принципты фæдыл Фидыдыл бындуриуæггæнгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны территоримæ конд æрцыдысты æртæфарсон фидауынгæнæн тыхтæ. Ацы бон Хуссар Ирыстоны нысан цæуы куыд Фидауынгæнæджы бон.
Тугкалд чи æрлæууын кодта æмæ сабыр царды ныфс чи фæзынын кодта, уыцы фидауынгæнджытыл Хуссар Ирыстоны цæрджытæ æмбæлдысты дидинтæ æмæ цины цæссыгтимæ. Ацы цау ахъаз уыд конфликт æрлæууын кæнын æмæ сабыр цард райдайынæн.