Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны гæрзифтонг агрессийæ æстдæс азы рацыды охыл

Майрæмты мæйы 7-8 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны ацæудзысты Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийæ æстдæс азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ.

Цалынмæ 2008 азы майрæмты мæйы æнæхъæн дуне каст Пекины Олимпаг хъæзтытæ бакæныны церемонимæ, уæдмæ Гуырдзыстон, æхсæнадæмон барады æппæт нормæты сæрты ахизгæйæ, мæнгардæй æрбабырста Хуссар Ирыстонмæ. Атакæйы бын бахаудысты ирон æмæ уæрæсейаг фидауынгæнæн тыхтæ, афтæмæй ма горæт Цхинвал æмæ республикæйы хъæутæ дæр. 

Гæрзифтонг агресси арæзт цыд фæсарæйнаг уынаффæгæнджыты хайадистимæ. Гуырдзыстоны уæлдæр политикон хицауады ‘рдыгæй сфидаргонд тугæйдзаг операци «Сыгъдæг быдыр»-ы сæйраг нысан уыд Хуссар Ирыстон бынтондæр фесафын, ирон адæмы фæнд асæттын æмæ куыддæрты удæгасæй чи баззад, уыцы æмбæстæгты та асурын сæ райгуырæн къæсæй. Уыцы агрессийы рæстæджы фæмард сты æмæ цæфтæ райстой сæдæгай æнаххос адæм, уый нымæцы уæрæсейаг фидауынгæнджытæ дæр, мингай адæм баззадысты æнæ хæдзæрттæй. Пырхæнтæ фестадысты социалон объекттæ, медицинон уагдæттæ.

Цалынмæ «размæдзыд» дунеон æмæхсæнад Олимпиадæйы диссаджы æнкъарæнты бын уыд, уæдмæ куынæг кодтой ирон адæмы. Хъыгагæн, терроры ахæм хуыз ног нæу. Тбилисы режим «ирон фарста» аскъуыддзаг кæнынæн ног ницы рымысыд, фæлæ сфæлхат кодта 20-æм æнусы райдиан æмæ Гамсахурдия 20-æм æнусы кæрон цы идеологийæ пайда кодта, уый. 

Дызæрдыггаг нæу, æмæ гуырдзиаг къухдариуæгады кæй уырныдта, сæ архайдтытæ æнæфхæрдæй кæй баззайдзысты, уымæн бирæбæрцæй ахъаз уыд ныгуылæн бæстæты æппæтварсон æххуыс. Æрмæстдæр Цхинвалы хъахъхъæнджыты, ирон æмæ уæрæсейаг фидауынгæнджыты æмæ æфсæддонты хъæддыхдзинады, Уæрæсейы Федерацийы афоныл æххуысы фæрцы Хуссар Ирыстон ныхмæ фæлæууыд æмæ фервæзт скуынæг кæнынæй. 

Хайди Тальявинийы сæргълæудæй Евроцæдисы хæдбар къамисы доклады хатдзæгтæм гæсгæ банымадтой Гуырдзиаг хæстон агресси, фæлæ уымæ нæкæсгæйæ, официалон Тбилис канд уыцы æцæгдзинадыл нæу разы, фæлæ ма æстдæс азы дæргъы Хуссар Ирыстоны 'рдæм тыхæй ма спайда кæныны фæдыл бадзырдыл йæ къух нæ фыссы.

Уæрæсейы Федераци канд Хуссар Ирыстоны 'вварс не 'рбалæууыд, фæлæ ма йын йæ хæдбардзинад дæр банымадта, æмæ уымæй сног кодта историон рæстдзинад, уымæй бахъахъхъæдта регионы æмæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинад. 

Нæ рыст нæ мынæг кæны. Абоны бон мах нæ сæртæ ныллæг къул кæнæм, сæ цардтæ йæ адæмы сæрибар сомбонæн чи ратта, уыцы хъайтарты рухс номы раз. Æнустæм нæ зæрдыл дардзыстæм Хуссар Ирыстоны сæрибары сæрвæлтау сæ цардтæ цы уæрæсейаг солдаттæ æмæ офицертæ æрхастой, уыдон рухс нæмттæ. Се сгуыхтдзинадæй алыхатт дæр сæрыстыр уыдзыстæм.

Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæстон агрессийæ æстдæс азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ ацæудзысты Мæскуы, Сухум, Тирасполь æмæ æндæр бæстæты. 

2026 азы майрæмты мæйы 7-æм бон

 

07.08.2026