2008 азы майрæмты мæйы Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийы сæдæгай амæттæгты мысæн боны уæлдай æнæфсарм у Гуырдзыстоны премьер-министр И. Кобахидзейы раныхас. Гуырдзыстон гæрзифтонгæй кæй æрбабырста Хуссар Ирыстонмæ, кæцыйы æхсæнадæмон бадзырдадтæм гæсгæ сæ хæс æххæст кодтой фидауынгæнджытæ – у бæрæг бæлвырд факт, кæцы сфидаргонд æрцыд швейцариаг дипломат Х. Тальявинийы сæргълæудæй ЕЦ-йы хæдбар къамисы ‘рдыгæй, æмæ кæцы официалон Тбилис хъавы басусæг кæнынмæ.
Комментарии МИД РЮО
Сусæны мæйы 25-æм бонæй майрæмты мæйы 6-æм бонмæ Гуырдзыстоны гæрзифтонг тыхтæ æмæ Америкæйы Иугонд Штатты Национ гвардийы хайадистæй Гуырдзыстоны ацæудзысты НАТО-йы ахуыртæ Agile Spirit – 2025. Нысангонд куыд цæуы, афтæмæй уыдон здæхт сты хæстон цæттæдзинад фæбæрзонддæр, афтæмæй ма 13 бæстæ-хайадисæджы 'хсæн æмархайд сфидардæр кæнынмæ.
Израилы ‘рдыгæй Сириаг Араббаг Республикæйыл æмæ, сæрмагондæй, президенты галуан æмæ Дамаскы Генералон штабы территорийыл уæлдæфон атакæ цæуы æхсæнадæмон барад æмæ ИНО-йы Уагæвæрды ныхмæ.
Сирийы территориалон иудзинад æмæ суверенитеты ‘вварс уæвгæйæ, стæм Израилы фарсæрдыгæй ахæм архайдтыты ныхмæ, кæцытæ ахъаз сты Æввахс Скæсæны регионы æндыгъддзинады райрæзтæн. Нымайæм, ахсджиаг кæй у уавæры дарддæры негативон райрæзт ма бауадзын æмæ уæвæг ныхмæлæуддзинад та æрбæстон кæнын æрмæстдæр политикон-дипломатон фæрæзтæй.
2025 азы сусæны мæйы 16-æм бон
Португалийы ацæугæ ОБСЕ-йы Парламентон ассамблейы 32-æм сессийы декларацимæ Гуырдзыстоны хъæппæрисæй хаст æрцыд хай, цыран сидтæуы Сирийы хицауадмæ, цæмæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы банымад фæстæмæ ист æрцæуа. Ам нæ нымайæм Уæрæсемæ ахæм æрсидтыты нымæц.
ИНО-йы Генералон Ассамблейы 79-æм сессийы фæлгæтты райстæуыд Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæй лигъдæттæ æмæ мидбынаты иу ранæй иннæ ранмæ чи ацыд цæрынмæ, уыдоны уавæры фæдыл резолюци. Уыцы резолюцийы райст сцырын кодтой Гуырдзыстон æмæ йæ «хæлæрттæ».
Хуссар Ирыстон иу æмæ дыууæ хатты нæ бахахх кодта, æхсæнадæмон фæзуаттæ кæй дарддæр кæнынц уавæры æцæгдзинадæн дзуапп чи нæ дæтты, ахæм позицийыл хæцын.
Нæ хъус æрдардтам Европæйы Цæдисы Генералон секретары радон доклад «Гуырдзыстоны конфликт»-мæ, кæцыйы ногæй æмæ ногæй дзырдæуы бындур кæмæн нæй, ахæм загъдаутæ афтæ хуыйнæг Гуырдзыстоны оккупаци, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æдасдзинад æмæ адæймаджы барты фадыджы зын уавæры, афтæмæй ма уæрæсейы æфсæдтæ ракæныны фæдыл.
Политизацигонд доклады ‘вварс уыдысты Албани, Гуырдзыстон, Исланди, Лихтенштейн, Молдова, Монако, Цæгат Македони, Норвеги, Сан-Марино, Украинæ, Великобритани, йæ разыдзинад равдыста Европæйы Цæдис.
Гуырдзыстоны премьер-министр И. Кобахидзе гуырдзиаг телеканал «Imedi»-йæн йæ интервьюйы Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ ахастытыл дзургæйæ, банысан кодта, Гуырдзыстоны территориалон иудзинад сног кæнынæн хъæуы равдисын фæразондзинад.
Бæрæг у, æмæ ивгъуыд азы фæззæгæй фæстæмæ гуырдзиаг оппозицийы ‘рдыгæй нæй кæрон нæразыйы акцитæн. Уыимæ иумæ рæзынц афтæ хуыйнæг Гуырдзыстоны территориалон иудзинад сног кæныны фæдыл мæнг хъуыдытæ.
Нæ хъус æрдардтам Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Мака Бочоришвилийы загъд ныхæстæм испайнаг агентад EFE-йæн йæ интервьюйы, кæцыйы банысан кодта гуырдзиаг зæронд-ног æддагон политикæйы афтæ хуыйнæг «æвдисæндартæ». Сæрмагондæй, банысан кодта, зæгъгæ, «йæ бæстæйы нал хъæуы ног хæст Уæрæсеимæ, фæлæ НАТО, афтæмæй ма Европæйы Цæдисы скондмæ бахизыны ныхмæ нæу».
Кæцыдæр гуырдзиаг оппозицион партиты сидт Сирийы хицауадмæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы банымад фæстæмæ расидыны фæдыл, фыццаджыдæр, дзурæг у мидполитикон кризисыл. Парламентон æвзæрстыты фæстиуджытæ æмæ дæс азæй фылдæр цы политикон тыхтæ уыдысты, уыдоны фæсыкк æркодта ныры уавæрмæ, кæцыйæн ис деструктивон здæхт. Сæ сæйраг хъуыды у популярондзинад апарахат кæнын. Сæрмагондæй, уый уынæм Гуырдзыстоны мидполитикон царды дæр, цыран ныма дæр не ‘рлæууыдысты протестты акцитæ.
Цыппурсы мæйы 5-6 бонты Валлетты (Мальтæ) ацыд ОБСЕ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрты Советы 31-æм рабадт, кæцыйы фæлгæтты афтæ хуыйнæг ОБСЕ-йы Гуырдзыстоны хæлæртты къорд (Болгари, Канадæ, Чехи, Дани, Эстони, Финлянди, Исланди, Ирланди, Латви, Литвæ, Норвеги, Польшæ, Румыни, Словаки, Швеци, Украинæ, Великобритани æмæ Америкæйы Иугонд Штатты) номæй радон хатт фидиуæны загъд æрцыдысты бирæ азты дæргъы æнæивгæ, æцæгадæй дард хъуыдытæ.
Кæфты мæйы 11-æм бон Женевæйы ИНО-йы Адæймаджы барты фæдыл Совет ЕЦ, Болгари, Япони, Люксембург æмæ Финляндийы делегациты æххуысæй райста резолюци «Гуырдзыстонимæ æмгуыстад», кæцыйы ис афтæ хуыйнæг гуырдзиаг территориты оккупаци æмæ «Гуырдзыстоны Абхазаг æмæ Цхинвалы регионты адæймаджы бартæ халыны» фæдыл мæнг тезистæ.
Нæ хъус æрдардтам Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Кобахидзейы фидиуæнтæм, кæцытæ загъд æрцыдысты Нью-Йорчъы ИНО-йы Генералон Ассамблейы 79-æм сессийы рæстæджы.
Хъыгагæн, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазийы ‘рдæм официалон Тбилисы позици ницы ивындзинæдтæ бавзæрста. Уæвæн кæмæн нæй, ахæм терминологи æмæ факттæй пайда кæнын, æцæгдзинадæй дард риторикæ дзурæг сты ууыл, æмæ Гуырдзыстон æмæ гуырдзиаг политикты ивгъуыд нæ уадзы нырма дæр.