Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментари Гуырдзыстоны премьер-министр Кобахидзейы фидиуæны фæдыл

МИД Южной Осетии

Нæ хъус æрдардтам Гуырдзыстоны премьер Кобахидзейы радон фидиуæнмæ, кæцыйы нысан кæны уый, æмæ цалынмæ Мæскуы нымайы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад, уæдмæ Тбилис кæй нæ хъавы Уæрæсеимæ дипломатон ахастытæ сног кæнын.

Нысан куыд цыд, афтæмæй фæстаг бонты Гуырдзыстоны хицауад иу æмæ дыууæ хатты нæ рыздæхт Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы темæмæ – сæрмагондæй, 2008 азы майрæмты мæйы цаутæ æмæ сæ аххосæгтæм.

Кæд æмæ Гуырдзыстон бамбара йæ бæрндзинад 2008 азы саразгæ фыдракæндты раз, уæд нæ уый фæдыл фæнды зæгъын гуырдзиаг фарсæн, цæмæй сæ зæрдыл дарой Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы паддзахадон хæдбардзинад банымайыны фæдыл Уæрæсейы официалон позици, кæцы у æнæивгæ æмæ ист æрцыд гуырдзиаг агрессоры сабырадмæ æркæныны операцийы фæстиуæгæн.

2026 азы майрæмты мæйы 12-æм бон

12.08.2026