Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари Гуырдзыстоны бирæнацион хæстон ахуыртæ «Agile Spirit - 2025»-йы фæдыл

Сусæны мæйы 25-æм бонæй майрæмты мæйы 6-æм бонмæ Гуырдзыстоны гæрзифтонг тыхтæ æмæ Америкæйы Иугонд Штатты Национ гвардийы хайадистæй Гуырдзыстоны ацæудзысты НАТО-йы ахуыртæ Agile Spirit – 2025. Нысангонд куыд цæуы, афтæмæй уыдон здæхт сты хæстон цæттæдзинад фæбæрзонддæр, афтæмæй ма 13 бæстæ-хайадисæджы 'хсæн æмархайд сфидардæр кæнынмæ. 

Уыцы архайдтытæ цæуынц дыууадæсæм хатт æмæ дзы пайда кæнынц куыд НАТО-йы, афтæ Америкæйы Иугонд Штатты бронетехникæ æмæ авиацийæ дæр. Пъланмæ гæсгæ ахуыртæ цæудзысты хæстон æхстытимæ. Сæ «сабырадон» фидиуæнтæм нæкæсгæйæ, фидар æдасдзинад кæм нæй, ахæм регионы Альянсы хæстон хайадист бирæбæрцæй æндавы Хуссар Ирыстоныл дæр. 

Бæрæг у, æмæ Гуырдзыстоны территори æмæ хæстон инфраструктурæйæ пайда кæнгæйæ, афтæмæй ма гуырдзиаг гæрзифтонг тыхты хайадистæн ис политикон æмæ стратегион нысан, кæцытæ комкоммæ æндавынц Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ æгас Фæскавказы регионы æдасдзинадыл. 

Фæскавказы Æдасдзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы фæлгæтты официалон Тбилис кæй нæ разы кæны Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы территоритыл тыхæй ма спайда кæныны бадзырд æрфыссын, уый хынцгæйæ, НАТО-йы бæстæты хайадистимæ ахæм хæстон ахуыртæ ахъаз сты Фæскавказы хæстон-политикон æндыгъддзинады рæзтæн. 

2025 азы сусæны мæйы 25-æм бон

25.07.2025