Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъыгзæрдæйæ хъусын кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Абхазы Боциты Ильяйы фырт Олегы æнæрæстæджы цардæй ахицæны охыл.
Боциты Ильяйы фырт Олег райгуырд 1954 азы тæргæйтты мæйы 26-æм бон Абхазаг АССР-ы г. Ткварчалы. 1976 азы фæцис Харьковы паддзахадон университет. Куыста Республикæ Абхазы алыхуызон бынæтты, æппæты зындæр рæстæджыты абхазаг адæмимæ иумæ тох кодта Апсныйы сæрибар æмæ хæдбардзинады сæрыл.
2007 азæй фæстæмæ уыд Республикæ Абхазы уæвæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварады Уынаффæгæнæг-минæвар. 2013 азы хуымгæнæны мæйы 15-æм бон нысангонд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæварæй Республикæ Абхазы.
Боциты Олегы æнувыддзинад паддзахады интерестыл, æрæвæргæ хæстæм бæрнон ахаст, хисæрмагонд миниуджытæ бирæ азты дæргъы ахъаз уыдысты Абхазы уæвæг Хуссар Ирыстоны Минæварады фæстиуæгджын куыстæн.
Боциты Олег хорзæхджын æрцыд РХИ, РА æмæ УФ-йы паддзахадон хорзæхтæй.
2024 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагполитикон курсы реализацийы æмæ хуссарирыстойнаг-абхазаг ахастытæ сфидар кæныны хъуыддагмæ стыр хайбавæрд, афтæмæй ма юбилейы цытæн Боциты Олег хорзæхджын æрцыд Кады Орденæй.
Боциты Ильяйы фырт Олегы рухс ном æнустæм баззайдзæн йæ коллегæтæ æмæ æмгæртты зæрдæты. Мæсæллæй кæнæм æппæт хиуæттæ æмæ æввахс адæмæн.