Беслæны терактæй дыууын иу азы рацыды охыл

МИД Южной Осетии

Рухæны мæйы 1-3 бонты Ирыстоны цæуынц Беслæны æрцæугæ æвирхъау терактæй 21 азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ.

Дыууын иу азы размæ сыгъдæг æмæ рухс бæрæгбон – Зонындзинæдты бон æппæт Ирыстонæн, ирон адæмæн æнустæм ссис æнæбасæтгæ рыст. 2004 азы рухæны мæйы 1-æм бон Беслæны скъолайы Зонындзинæдты бæрæгбоны рæстæджы террористтæ амынæттæй систой ахуырдзауты, сæ ныййарджыты æмæ ахуыргæнджыты. Скъолайы агъуысты фыдгæнджытæ æртæ боны дæргъы дардтой 1128 адæймаджы. Æртæ боны адæм хъизæмарæй мардысты æнæ хæрд æмæ æнæ донæй. 

Трагедийы амæттæгтæ систы æртæ сæдæ адæймагæй фылдæр – се ‘хсæн сывæллæттæ æмæ сылгоймæгтæ. Ацы теракт бандæвта æнæхъæн дунейыл æмæ ссис XXI æнусы æппæты æгъатырдæр æмæ æбуалгъдæр фыдракæндтæй иу. 

Азтæ цæуынц, фæлæ рыст нæ мынæг кæны. Беслæн ирон адæмы зæрдæты ныууагъта æнæбайгас хъæдгом. 

Ацы бонты мах арæм террористты къухтæй фæмардуæвджыты рухс нæмттæ. Стыр бузныг дзурæм, иннæты фервæзын кæнынмæ сæ цард раттынмæ чи уыд цæттæ, æппæт уыдонæн. 

2025 азы рухæны мæйы 1-æм бон

01.09.2025