Рухæны мæйы 19-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Вальдрак Людвинг Джентске Уитакеры, кæцы делегацийы сæргъ æрцыд Цхинвалмæ Республикæ Хуссар Ирыстон расидынæй 35 азы рацыды цытæн бæрæгбонмæ.
Фембæлды ма хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Андрей, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы Козаты Нарим æмæ Республикæ Никарагуайы Минæварады Уынаффæгæнæг-Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Клаудио Арана.
Джиоты Æхсар раарфæ кодта уазджытæн æмæ банысан кодта, бæстæйæн ахæм ахсджиаг бæрæгбоны Хуссар Ирыстоны æхсызгонæй кæй æмбæлынц хæларадон бæстæ Никарагуайæ минæвæрттыл æмæ алыхатт дæр бузныг уыдзысты Республикæйæн зын рæстæджы æххуысы къух кæй фæдаргъ кодтой, уый фæдыл.
Вальдрак Джентске дæр бузныджы ныхæстæ загъта ахæм фембæлды тыххæй æмæ раарфæ кодта хуссарирыстойнаг адæмæн бæрæгбоны фæдыл, Хуссар Ирыстонæн йæ зæрдæ загъта дарддæры размæдзыд æмæ фæрныгады фæндиæгтæ.
Нысангонд æрцыд, хæларадон хуссарирыстойнаг-никарагуайаг ахастыты райрæзт кæй цæудзæн дарддæр дæр.
2025 азы рухæны мæйы 19-æм бон