Республикæ Абхазы Конституцийы боны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Олег Барцицмæ.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Ацы ахсджиаг документ ист æрцыд паддзахаддзинады райрæзты рæстæджы æмæ фидар бындур æрæвæрдта абхазаг хæдбардзинад æмæ суверенитетæн, ссис абхазаг адæмы сæрибар размæдзыды барадон æвдисæн æмæ снысан кодта бæстæйы размæдзыды фæндаг.
Уæлдай ахсджиагдзинад Конституцийæн ис ныры æхсæнадæмон уавæрты. У Абхазы стабилондзинад, территориалон иудзинад æмæ национ интерестæ хъахъхъæныны фидар гарант. Абоны бон Республикæ размæ цæуы, æнтысджынæй фидар кæны йæ позицитæ дунеон æмæхсæнады».