Тæргæйтты мæйы 5-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар Мæскуымæ кусæгон балцы фæлгæтты бабæрæг кодта Уго Рафаэль Чавес Фриасы царды ахицæнæй XIII азы рацыды охыл мысæн мадзал, кæцы ацыд Венесуэлæйы дипломатон минæварады Мæскуыйы.
Мадзалы фæлгæтты ацыд Хуссарирыстойнаг æддагполитикон уагдоны сæрдар Джиоты Æхсары фембæлд Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хесус Рафаэль Саласар Веласкесимæ.
Ныхасы рæстæджы дыууæ фарс дæр равдыстой сæ цæттæдзинад Хуссар Ирыстон æмæ Венесуэлæйы 'хсæн хæларадон ахастыты дарддæры размæдзыдмæ. Х.Р. Саласар Веласкес фехъусын кодта йæ бæстæйы æмæ регионы уавæры, афтæмæй ма мидполитикон процессты стабилон размæдзыдæн Боливариайнаг хицауады къахдзæфты фæдыл.
2026 азы тæргæйтты мæйы 5-æм бон