Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары фембæлды фæдыл Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Альба Асусена Торрес Мехияимæ

Встреча Ахсара Джиоева с Альбой Асусеной Торрес Мехия

Тæргæйтты мæйы 6-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар фембæлд Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Альба Асусена Торрес Мехияимæ.

Фембæлд ацыд хæларадон уавæры. Ныхасы рæстæджы равдыстæуыд цæттæдзинад Хуссар Ирыстон æмæ Никарагуайы 'хсæн дарддæры фæстиуæгджын æмгуыстадмæ. 

2026 азы тæргæйтты мæйы 6-æм бон

06.03.2026