Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ райгуырæн боны цытæн.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Дæ ном у куыд уæрæсейаг, афтæ æппæт дунейы дипломатийы сæрыстырдзинад. Де стыр профессионализм, принципиалондзинад æмæ куырыхондзинад дын æрхастой авторитет куы дæ коллегæты, афтæ милуангай æмбæстæгты 'хсæн дæр, кæцытæн сдæ рæстдзинад хъахъхъæныны символ.
Хуссар Ирыстоны адæмæн канд зынгæ дипломат нæ дæ, фæлæ ма гоймаг, кæцы арф фæд ныууагъта нæ республикæйы историйы. Мах стыр аргъ кæнæм нæ паддзахаддзинад банымайыны, нæ адæмы сабыр цард æмæ размæдзыды, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы 'хсæн интеграци сфидар кæныны хъуыддагмæ дæ уæзгæ хайбавæрдæн».