Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фидиуæн Гуырдзыстоны территорийыл РХИ-йы Ленингоры районы цæрæг Голоты Тамазы æрцахсты фæдыл

Куыд рабæрæг, афтæмæй хуымгæнæны мæйы 24-æм бон Тбилисы горæттаг тæрхондон æхгæд рабадты рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы цæрæг Голоты Тамазæн рахаста æрцахсыны уынаффæ. Голоты Тамазы раздæр æнæзакъонæй æрцахстой Гуырдзыстоны Паддзахадон Æдасдзинады службæ æмæ йæ фæаххосджын кодтой шпионажы. 

Хуымгæнæны мæйы 21-æм бон Хуссар Ирыстоны æмбæстаг æмæ Тыбылты А.А. номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студент Голоты Т. йæхи сæрмагонд хъуыддæгты фæдыл ацыд сыхаг паддзахады территоримæ пункт «Раздахæн»-ы сæрты, кæцы ис Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Гуырдзыстонимæ арæныл. Хуымгæнæны мæйы 22-æм бон Голоты Т. гуырдзиаг сæрмагонд службæты провокацийы фæстиуæгæн æрцыд ахст. 

Ацы цауы фæдыл раст информаци райсгæйæ, хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй пайдагонд æрцыдысты æппæт фæрæзтæ, уый нымæцы Инциденттæ аиуварс кæнын æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны фæдыл механизмы форматы «тæвд хахх» дæр, цæмæй Голоты Т. хъысмæт бæрæг æрцæуа.  

Механизмы «тæвд хахх»-ы фæлгæтты æнæрлæугæ консультациты рæстæджы хуымгæнæны мæйы 24-æм бон хуссарирыстойнаг фарсæн фехъусын кодтой, Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы цæрæг Голоты Тамаз рæстæгмæ ахст кæй уыдзæн дыууæ мæйы дæргъы. Тæрхондоны иннæ рабадт нысангонд æрцыд ацы азы хурхæтæны мæймæ. 

Гуырдзиаг репрессивон органты ахæм æнæбындурон архайдтытæн ис æргом политикон нысан æмæ нымайæм, комкоммæ кæй халынц Голоты Тамазы бартæ, афтæмæй ма дарддæр кæнынц З. Гамсахурдия æмæ М. Саакашвилийы рæстæджыты терроры политикæ. Сидæм Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы æвæстиатæй ссæрибар кæнынмæ. 

Голоты Тамазимæ æрцæугæ цау дзурæг у ууыл, æмæ официалон Тбилисы минæвæрттæ цыфæнды «сабырад уарзаг» ныхæстæ ма кæной, уæддæр Гуырдзыстоны территори уыд æмæ у тæссаг Хуссар Ирыстон æмæ йæ цæрджытæн. 

Æдасдзинад бахъахъхъæнынæн, Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад сиды Хуссар Ирыстоны цæрджытæм, цæмæй Гуырдзыстоны территоримæ ма цæуой. 

2026 азы хуымгæнæны мæйы 25-æм бон

25.04.2026