Хуссар Ирыстоны аргъуанты ацыдысты 1992-1993 азты Абхазы адæмы Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвджыты рухс номыл службæтæ

Майрæмты мæйы 14-æм бон, 1992-1993 азты Абхазы адæмы Фыдыбæстæйон хæсты охыл Цхинвалы Сыгъдæг Мады Майрæмы Райгуырды аргъуан æмæ Сыгъдæг Æртæиуоны аргъуаны ацыдысты фæмард Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ æмæ цæрджыты рухс нæмттыл службæтæ. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар, Республикæ Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Елбачиты Алан, Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары Фыццаг хæдивæг Тадтаты Дзамболат, Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады минæвæрттæ, РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Уынаффæгæнæг Тадтаты Сергей, Фæсарæйнаг Уагдæттимæ куысты фæдыл хайады сæрдар Санахъоты Алексей, æхсæнад.

2026 азы майрæмты мæйы 14-æм бон

14.08.2026