Республикæ Абхазы Уæлахизы æмæ Хæдбардзинады боны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Олег Барцицмæ.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«1933 азы рухæны мæйы 30-æм бон абхазы адæм сæ сæрибардзинад æмæ Фыдыбæстæйы хæдбардзинады сæраппонд тохы рæстæджы равдыстой хъайтардзинад æмæ хъæддыхдзинад. Уæлахиздзинад ссис ахсджиаг цау Апсныйы паддзахадон суверенитет сфидар кæныны æмæ æхсæнадæмон банымады хъуыддаджы.