Сусæны мæйы 17-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы Козаты Нарим хайад райстой Мæскуыйы уæвæг Республикæ Никарагуайы Минæварады Сандинистон революцийы Фæуæлахизæй 47 азы рацыды фæдыл цытджын мадзалы.
Мадзалы уазджытæ систы Уæрæсейы ФХъМ-йы, Уæрæсейы хицауады, æхсæнадæмон организациты минæвæрттæ, депутаттæ, УФ-йы аккредитацигонд дипломатон корпус.