Сообщения МИД РЮО

Archive
МИД Южной Осетии

Рухæны мæйы 9-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныныл æххæст кæны 18 азы.

2008 азы рухæны мæйы 9-æм бон бындур æрæвæрдта официалон æхсæнпаддзахадон диалогæн, кæцы абоны бон рахызт стратегион партнерад æмæ æмцæдисадмæ. 

Ацы 18 азмæ стыр фæндагыл рацыд нæ бæстæ. Уæрæсе Хуссар Ирыстонæн уыд æмæ у канд æддагполитикон партнер нæ, фæлæ йе ‘дасдзинад, стабилондзинад æмæ социалон-экономикон размæдзыды сæйраг гарант. 

Рухæны мæйы 8-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар бабæрæг кодта X юбилейон Æхсæнадæмон литературон преми «Булæмæргъ» раттыны цытджын церемони, кæцы ацыд Тыбылты Алыксандыры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты. 

Преми «Булæмæргъ»-æн 2016 азы бындур æрæвæрдта Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварад Уæрæсейы Федерацийы, æмæ йæ сæйраг нысан у ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл чи фыссы, тæлмац кæны, уыдон æрбангом кæнын. Йæ сæйраг здæхт – литературон сфæлдыстадæн æххуыс æмæ æвзагон, культурон хæзнаты бахъахъхъæд. 

Памятная акция в Цхинвале, посвященная 22-ой годовщине трагических событий в Беслане

Рухæны мæйы 3-æм бон Цхинвалы Сыгъдæг Мады Майрæмы райгуырды аргъуаны раз Сæйраг фæзуаты ацыд Беслæны трагедийы амæттæгты мысæн акци.

Мадзалы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Министрады кусджытæ.

Æрæмбырдуæвджытæ ссардтой Беслæны трагедийы амæттæгты рухс ном æмæ «Хъынцъымгæнаг зæд»-ы обелискмæ сæвæрдтой дидинтæ, хъазæнтæ, дон.

Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрады цур хореографион скъола-студийы хъомылгæнджытæ равдыстой литературон-пластикон композици «Память Беслана». 

МИД Южной Осетии

Рухæны мæйы 1-3 бонты Ирыстоны цæуынц Беслæны Фыццæгæм скъолайы æрцæугæ æвирхъау терактæй дыууын дыууæ азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ.

Ацы бон æппæт Ирыстонæн, ирон адæмæн æнустæм ссис æнæбасæтгæ рыст. 2004 азы рухæны мæйы 1-æм бон Беслæны скъолайы Зонындзинæдты бæрæгбоны рæстæджы æгъатыр террористты амынæттæ систы ахуырдзаутæ, сæ ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ. 

Встреча Министра иностранных дел Республики Южная Осетия А.М. Джиоева и И.о. министра иностранных дел Республики Абхазия О.М. Бигвава

Уæрæсейы 'рдыгæй Республикæ Абхазы хæдбардзинады банымадæй 18 азы рацыды цытæн майрæмты мæйы 27-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийы Сухуммæ балцы фæлгæтты ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры х.æ. Одиссей Бигвавайы фембæлд.

Майрæмты мæйы 26-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Æхсары сæргълæудæй бабæрæг кодта Æхсæнадæмон фестиваль-конкурс «Сæрыстырты музыкæ»-йы гала-концерт Сухумы. 

Мадзалы фæлгæтты Джиоты Æхсар бакаст Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Хæстæ æххæстгæнæг Хъамболты Мараты арфæ Республикæ Абхазы Президент Бадра Гунбайæн Абхазы Æхсæнадæмон банымады боны фæдыл. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

Майрæмты мæйы 26-æм бон Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары сæргълæудæй Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци хайад исы Уæрæсейы Федерацийы 'рдыгæй Республикæ Абхазы хæдбардзинад æмæ паддзахадон суверенитеты банымадæй 18 азы рацыды цытæн мадзæлтты. 

Хуссарирыстойнаг делегацийы сконды Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры уынаффæгæнæг Тадтаты Сергей æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фæсарæйнаг уагдæттимæ куысты фæдыл хайады сæрдар Санахъоты Алексей. 

МИД Южной Осетии

Майрæмты мæйы 26-æм бон нысан цæуы Уæрæсейы Федерацийы 'рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй æстдæс азы рацыды бæрæгбон.

18 азы размæ, ИНО-йы уагæвæрдтæ æмæ æндæр æхсæнадæмон бындурон документтæ хынцгæйæ, Уæрæсейы Федерацийы Президент Д.А. Медведев бафыста Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон суверенитет банымайыны фæдыл историон Барамынд. Республикæ Хуссар Ирыстон ссис æхсæнадæмон барады æххæстбарджын уæнг. 

Майрæмты мæйы 25-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары сæргълæудæй æрцыд Республикæ Абхазмæ, цæмæй хайад райса Уæрæсейы Фæдерацийы 'рдыгæй Республикæ Абхазы хæдбардзинады банымадæй 18 азы рацыды бæрæгбоны. 

Делегацийы сконды Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Уынаффæгæнæг Тадтаты Сергей æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Фæсарæйнаг уагдæттимæ куысты фæдыл хайады сæрдар Санахъоты Алексей. 

Игорь Муратович Ахба

Стыр хъыгзæрдæимæ райстам Абхазы паддзахадон æмæ политикон архайæг, абхазаг адæмы аккаг фырт æмæ патриот, ирд æмæ принципиалон дипломат, Хуссар Ирыстоны æмæ хуссарирыстойнаг дипломатон службæйы стыр хæлар, Абхазы фыццаг Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Игорь Мураты фырт Ахбайы цардæй æнæрæстæджы ахицæны охыл цау.

Игорь Мураты фырты номимæ Абхазы нырыккон историйы баст у æнæхъæн эпохæ. Йæ цардвæндаг æппæтæй дæр снывонд кодта йæ адæм æмæ йæ Фыдыбæстæйы хæрзиуæгæн, кæцыйы интерестæ хъахъхъæдта æрвылбон дæр.

Майрæмты мæйы 14-æм бон, 1992-1993 азты Абхазы адæмы Фыдыбæстæйон хæсты охыл Цхинвалы Сыгъдæг Мады Майрæмы Райгуырды аргъуан æмæ Сыгъдæг Æртæиуоны аргъуаны ацыдысты фæмард Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ æмæ цæрджыты рухс нæмттыл службæтæ.

Презентация монографии Людвига Чибирова «Алания–Осетия и Дагестан»

Майрæмты мæйы 12-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста историон зонæдты доктор, профессор, Уæрæсейы Федерацийы зонæдты сгуыхт архайæг Цыбырты Людвигы монографи «Алания – Осетия и Дагестан»-ы презентацийы, кæцы ацыд Анахарсисы номыл Национ библиотекæйы конференц-залы.

Авторы ныхæстæм гæсгæ, куыст у Ирыстон æмæ Дагестаны 'хсæн историон æмæ культурон ахастыты размæдзыд бæстонæй сбæрæг кæныны фæлварæн.