Нæ хъус æрдардтам Венесуэлæйы уавæры фæдыл Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ, кæцыйы ныфс дарынц, Венесуэлæйы цаутæ кæй æркæндзысты Каракасы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад банымайыны фæдыл «æнæзакъонон уынаффæ»-йы систмæ.
Банымайын, кæнæ ма банымайыны фарста у паддзахадон суверенитеты ахсджиаг хай. Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæ дзуапп ратта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы официалон куырдиатыл æмæ Уæрæсе æмæ Никарагуайы фæдыл банымадта Хуссар Ирыстоны æхсæнадæмон статус. Уыцы уынаффæ дзуапп дæтты æппæт нормæтæн дæр.