Цыппурсы мæйы 4-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры комитеты ацыд азы фæстиуджыты фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары пресс-конференци.
Конференцийы рæстæджы Джиоты Æхсар радзырдта ацæугæ азы Министрады куысты фæдыл æмæ бахахх кодта, æддагон политикæйы сæйрагдæр здæхт кæй у стратегион партнер – Уæрæсейы Федерациимæ хæларадон ахастытæ æмæ интеграцион бастдзинæдты размæдзыд.
Министр банысан кодта, æмгуыстад кæй цæуы Хуссар Ирыстонæн цы бæстæтимæ ис фидаргонд дипломатон ахастытæ, уыдонимæ, афтæмæй ма куыст цæуы æхсæнадæмон бастдзинæдтæ сфидар кæныны фæдыл дæр. Бæрæг бæлвырд къахдзæфтæ цæуынц Уæрæсе æмæ Беларусы Æмцæдисон паддзахады структурæтимæ ахастытæ æрбæстон кæныны фæдыл, фыццаджыдæр, культурон æмæ гуманитарон фадгуыты.
Джиоты А.М. банысан кодта, куысты ахсджиаг здæхт кæй у Хуссар Ирыстоны хайадист Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы, уый хыгъд Гуырдзыстонимæ ахастытæ 'рбæстон кæнын, кæцы разы нæу тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документыл къух æрфыссынмæ.
Пресс-конференцийы рæстæджы ма Джиоты Æхсар сдзуапп кодта дзыллон информацийы фæрæзты минæвæртты фарстатыл.
Цхинвал, 2025 азы цыппурсы мæйы 4-æм бон