Хуымгæнæны мæйы 6-7-æм бонты Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыдысты æхсæнуагдонон консультацитæ. Хуссар Ирыстоны ФХъМ-йы Сæрдар Джиоты Æхсар фембæлд Уæрæсейы ФХъМ-йы латиноамерикаг департаменты, Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæты дыккæгæм департаменты æмæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæты цыппæрæм департаменты къухдариуæгадимæ.
Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд дывæрсон ахастыты фарстатыл, афтæмæй ма дыууæ фарсæн дæр цымыдисаг цы регионтæ сты, уыдоны уавæрыл.