Хурхæтæны мæйы 10-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар РПП «Иудзинад»-ы фæхуындæй хайад райста Тымбыл фынг «Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстон: хæларад æмæ æмгуыстады фидар кæнынад»-ы куысты, кæцы ацыд Уæрæсейы бæрæгбоны цытæн.
Сообщения МИД РЮО
Хурхæтæны мæйы 4-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æвзонг дипломатты советы Сæргълæууæджы Хæдивæг Коцты Зарина хайад райста æхсæнадæмон зонадон-практикон конференци «Тарлевские чтения. К новой архитектуре многополярного мира»-йы, кæцы ацыд Уæрæсейы ФХъМ-йы Дипломатон академийы Мæскуыйы.
Конференцийы рæстæджы сæ хъуыдытæ загътой дипломаттæ, Дипломатон академи æмæ æндæр ахуыргæнæндæтты, Уæрæсе æмæ хæларадон бæстæты зонадон-иртасæн институтты профессортæ, зонадон кусджытæ.
Хурхæтæны мæйы 3-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрады Минæвар Австрийы Республикæйы Патрик Поппелы, кæцы кусæгон балцимæ ис Цхинвалы.
Фембæлды рæстæджы æрдзырдæуыд æмархайд ауæрæх кæнын æмæ æхсæнадæмон бастдзинæдтæ сфидар кæныны фарстатыл. Патрик Поппель бæстонæй радзырдта Республикæ Хуссар Ирыстоны истори æмæ культурæйы тыххæй информаци дунейон æмæхсæнадмæ бахæццæ кæныны фæдыл йæ архайдыл.
Хурхæтæны мæйы 3-æм бон Цхинвалы ацыд Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы фембæлд ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йæ Æмсæрдæрттимæ.
Фембæлды рæстæджы æрдзырдæуыд хурхæтæны мæйы 25-26 бонтæм снысангонд Дискусситы 64 раунды актуалон фарстатыл.
Регионы стабилондзинад æмæ æдасдзинад сфидар кæныныл дзургæйæ, хуссарирыстойнаг фарс ногæй бахахх кодта юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документыл куыст сног кæныны ахсджиагдзинад, кæцымæ гæсгæ Гуырдзыстонæн Хуссар Ирыстоны ‘рдæм тыхæй спайда кæныны бар нæй.
Зæрдæвæрæны мæйы 29-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Министрады кусджытæ хайад райстой Республикæйы фыццаг къухдариуæггæнæг Хъуылымбегты Торезы цыртмæ дидинтæ сæвæрыны церемонийы, кæцы ацыд Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны акты райстæй 33 азы рацыды цытæн.
Ахсджиаг боны фæдыл РХИ-йы Парламенты ацыд æхсæнады минæвæртты цытджын æмбырд.
2025 азы зæрдæвæрæны мæйы 29-æм бон
Зæрдæвæрæны мæйы 29-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстон нысан кæны Паддзахадон хæдбардзинад расидыны акты райстæй 33 азы рацыды бон.
Ацы документы райст æнæмæнг уыд хи паддзахад саразынæн, Хуссар Ирыстоны адæмы бартæ бахъахъхъæнынæн. Хæдбардзинады акт здæхт уыд Гуырдзыстоны ‘рдыгæй æдзухон геноцидæй адæмы фервæзын кæнынмæ. Уæдæй фæстæмæ райдыдта Республикæ Хуссар Ирыстоны æппæтварсон райрæзт æмæ размæдзыд.
1992 азы тъæнджы мæйы 19-æм боны референдумы хатдзæгтыл бындуриуæг кæнгæйæ, Хæдбардзинады акт ссис уæлахиздзинад æмæ хуссарирыстойнаг адæмы иудзинады æвдисæн.
Зынаргъ хæлæрттæ!
Арфæ уын кæнын Дипломатон кусæджы бæрæгбоны цытæн!
Кæддæриддæр дипломатон службæ уыд стыр бæрндзинад æмæ патриотизмы æвдисæн. Æндыгъд æхсæнадæмон уавæрты Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагполитикон уагдоны архайдæн ис уæлдай нысаниуæг, бæстæйы национ интерестæ размæ кæнын æмæ суверенитет хъахъхъæныны хъуыддаджы ахсы сæйраг бынат.
Зæрдæвæрæны мæйы 27-æм бон Тыбылты Алыксандыры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты ацыд видеоконференци Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Æхсар æмæ Донецкы уæвæг Уæрæсейы ФХъМ-йы хайадистимæ.
Зæрдæвæрæны мæйы 25-æм бон Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы ацыдысты парламентон æмæ регионалон æвзæрстытæ. Национ æвзарæн советы хатдзæгтæм гæсгæ Национ ассамблейы 24 бынатæй 23 райста Альянс «Стыр патриотон полюс», кæцыйы сконды ис Венесуэлæйы Иугонд социалон парти.
Æхсæнадæмон цæстдарджытæ куыд банысан кодтой, афтæмæй æвзæрстытæ ацыдысты сабырæй, уагæвæрдмæ гæсгæ.
Арфæ кæнæм Венесуэлæйы æнтысджын æвзæрстыты фæдыл æмæ ныфс дарæм, Хуссар Ирыстон æмæ Венесуэлæйы ‘хсæн ахастытæ дарддæр дæр кæй рæздзысты.
2025 азы зæрдæвæрæны мæйы 27-æм бон
Зæрдæвæрæны мæйы 26-æм бон РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ РХИ-йы Парламенты командæты ‘хсæн ацыд хæларадон матч мини-футболæй, кæцы сорганизаци кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур Æвзонг дипломатты совет.
Командæтæ равдыстой цымыдисон хъазт. Сæйраг рæстæг ахицæн 4:4 хыгъдимæ. Пенальтиты фæстæ 3:1 хыгъдимæ уæлахиздзаутæ систы РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады командæ.
Уæлахиздзаутæ хорзæхджын æрцыдысты зæрдылдарæн кубокæй.
Матчы фæстæ хайадисджытæ кæрæдзийæн бузныджы ныхæстæ загътой хорз хъазты тыххæй.
1992 азы зæрдæвæрæны мæйы 20-æм бон Зары «царды фæндагыл» гуырдзиаг хæстонтæ æмбæхст ранæй æгъатырæй ныццагътой, сæ цард фервæзын кæнынмæ Хуссар Ирыстонæй Цæгатмæ чи лыгъд, уыцы ирон æмбæстæгты.
Ацы æбуалгъ фыдракæнды амæттæгтæ систы 33 æнаххос адæймаджы, уыдоны нымæцы сывæллæттæ, сылгоймæгтæ, зæрæдтæ, кæцытæ мард æрцыдысты ирæттæ кæй сты, æрмæстдæр уый тыххæй.
Зæрдæвæрæны мæйы 15-æм бон Ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбоны цытæн Анахарсисы номыл Республикон библиотекæйы ацыд интеллектуалон хъазт «Брейн-ринг», кæцы бацæттæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур Æвзонг дипломатты совет.