Кæфты мæйы 1-3 бонты Ирыстоны цæуынц Беслæны æрцæугæ æвирхъау терактæй 20 азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ. Уыцы трагеди ссис Уæрæсейы ног историйы æппæты уæззаудæр æмæ æбуалгъдæр цаутæй иу.
2004 азы рухæны мæйы 1-æм бон Беслæны скъолайы Зонындзинæдты бæрæгбоны рæстæджы террористтæ амынæттæй систой ахуырдзауты, сæ ныййарджыты æмæ ахуыргæнджыты. Скъолайы агъуысты фыдгæнджытæ æртæ боны дæргъы дардтой 1128 адæймаджы. Æртæ боны адæм хъизæмарæй мардысты æнæ хæрд æмæ æнæ донæй. Цыфыддæр фыдракæнды амæттæгтæ баисты æртæ сæдæ адæймагæй фылдæр – се ‘хсæн сывæллæттæ æмæ сылгоймæгтæ.