1992 азы зæрдæвæрæны мæйы 20-æм бон Зары «царды фæндагыл» гуырдзиаг хæстонтæ æмбæхст ранæй æгъатырæй ныццагътой, сæ цард фервæзын кæнынмæ Хуссар Ирыстонæй Цæгатмæ чи лыгъд, уыцы ирон æмбæстæгты.
Ацы æбуалгъ фыдракæнды амæттæгтæ систы 33 æнаххос адæймаджы, уыдоны нымæцы сывæллæттæ, сылгоймæгтæ, зæрæдтæ, кæцытæ мард æрцыдысты ирæттæ кæй сты, æрмæстдæр уый тыххæй.